Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы. Сымах та Хуыцауӕй кӕй не стут, уый тыххӕй нӕ хъусут».
Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ номӕй, ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ.
Ӕмӕ йӕ фысты иууылдӕр ӕддӕмӕ куы ракӕны, уӕд фӕцӕуы сӕ разӕй. Фыстӕ та фӕцӕуынц йӕ фӕдыл, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс зонынц.