Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Сымах афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ Ӕз Моисейы Ӕгъдау кӕнӕ пехуымпарты ахуырад аивынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз сӕ аивынмӕ не 'рцыдтӕн, фӕлӕ сӕ сӕххӕст кӕнынмӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын: цалынмӕ арв ӕмӕ зӕхх сты, уӕдмӕ Ӕгъдауӕй тӕккӕ къаддӕр дамгъӕ кӕнӕ иу хахх дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн – ӕппӕт дӕр сӕххӕст уыдзӕни. Уӕдӕ ацы тӕккӕ къаддӕр фӕдзӕхстытӕн сӕ иуы дӕр чи фехала ӕмӕ адӕмы дӕр афтӕ бакӕныныл чи сардауа, уый къаддӕрыл нымад уыдзӕн Уӕларвон Паддзахады. Фӕлӕ сӕ чи сӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр чи бацамона, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни стырыл. Фӕлӕ Ӕгъдауӕй иу хахх фӕхъӕуыны фӕлтау арв ӕмӕ зӕхх ӕнцондӕрӕй фесӕфдзысты. Йесойы тыххӕй фыст цы уыд, ӕппӕт уыдӕттӕ куы сӕххӕст кодтой, уӕд Ӕй ӕристой дзуарӕй ӕмӕ Йӕ бавӕрдтой зӕппадзы.
Выбор основного перевода