Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уыдон ын загътой: «Дӕ райгуырынӕй къахӕй-къухмӕ тӕригъӕдджын куы дӕ, уӕд мах ахуыр кӕныс?» Ӕмӕ йӕ ратардтой. Кӕй йӕ ратардтой, уый Йесо куы фехъуыста, уӕд ӕй ссардта ӕмӕ йын загъта: «Адӕймаджы Фыртыл ӕууӕндыс?» Уый дзуапп радта: «Уый та чи у, хицау? Зӕгъ мын ӕй, ӕмӕ Йыл ӕууӕндон». Йесо йын загъта: «Уынгӕ дӕр Ӕй фӕкодтай, ӕмӕ ныхас дӕр Уый кӕны демӕ». Уӕд уый загъта: «Уырны мӕ, Хицау!» – ӕмӕ Йӕ разы ӕрхауд йӕ зонгуытыл. Ӕз дӕн дуар. Мӕныл йӕ фӕндаг кӕмӕн уа, уый фервӕздзӕн – бацӕудзӕн, рацӕудзӕн ӕмӕ ссардзӕн хизӕнуат. Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ис Мын ахӕм фыстӕ дӕр, ӕмӕ уыдоны дӕр хъуамӕ ӕрхонон. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс, ӕмӕ уыдзӕн иу дзуг ӕмӕ иу Фыййау. Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл. Йесо йын загъта: «Мариа!» Мариа Йӕм раздӕхт ӕмӕ Йын дзуттагау загъта: «Раввуни!» (ома, Ахуыргӕнӕг). Уӕдӕ Йӕм фӕцӕуӕм фӕссахармӕ, ӕмӕ Йӕ ӕгад мах ӕгад дӕр суӕд.
Выбор основного перевода