Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Колоссянам
1 2 3 4
Параллельные места
Ӕмӕ ацы фарны уац фӕхӕццӕ уыдзӕни дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕни кӕрон. Иуӕй-иутӕ та дзы ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл, схӕцыдысты сӕхиуыл, сырӕзыдысты ӕмӕ радтой: иу – дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты, иннӕ – ӕртиссӕдз хатты, ӕртыккаг – фондзыссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг». Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон хъӕздыгдзинадӕй мах райстам хорзӕх хорзӕхы фӕдыл. Сымах Мӕ нӕ сӕвзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз сӕвзӕрстон, ӕмӕ уын бахӕс кодтон цӕуын ӕмӕ пайда дӕттын, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕн. Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн ӕрцӕуынмӕ, фӕлӕ къуылымпытӕ ӕвзарын абонмӕ. Ӕз бӕллын, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, афтӕ мын сымахмӕ дӕр иуцасдӕр куыд бантыса. Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар. Гуырысхойаг нӕу – нӕ уырнынады сусӕгдзинад егъау у: Хуыцау фӕзынд адӕймаджы буары, Чи у, уый равдыста Сыгъдӕг Уд, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном Ын фехъуыстой адӕмтӕ, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд намысджынӕй.
К Колоссянам
1 2 3 4
Выбор основного перевода