Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Колоссянам
1 2 3 4
Параллельные места
Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у». Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух нӕ андзӕвыд. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг ӕрцыд – талынг хицауиуӕг кӕны». Цӕмӕй раппӕлдӕуа Йе стыр хорзӕхӕй – уымӕй нын бахай кодта Йӕ уарзон Фырты руаджы. Уыцы тӕригъӕдты ӕфтыдӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныртӕккӕ чи архайы, уыцы удӕн коммӕгӕсӕй. Ӕнӕбуар ӕлдӕрттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарӕй ӕмӕ дунейӕн равдыста, уыдоны ӕгадмӕ кӕй ӕртардта, уый. Ӕмӕ ссӕрибар кӕна, сӕ цӕргӕбонты мӕлӕты тасӕй цагъар чи уыд, уыдоны.
К Колоссянам
1 2 3 4
Выбор основного перевода