23
Ныр уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ уа фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, сымах цы фарны уац фехъуыстат, уый уын цы зӕрдӕдарӕн дӕтты, ууыл ма фӕгуырысхо уат. Уыцы фарны уац хъуыстгонд ӕрцыди дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг.
Йесо сын загъта: «Ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ хъусын кӕнут фарны уац ӕппӕт адӕмӕн.
Уӕ уырнындзинады фӕрцы Чырысти уӕ зӕрдӕты куыд ӕрцӕра.
Гуырысхойаг нӕу – нӕ уырнынады сусӕгдзинад егъау у: Хуыцау фӕзынд адӕймаджы буары, Чи у, уый равдыста Сыгъдӕг Уд, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном Ын фехъуыстой адӕмтӕ, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд намысджынӕй.