Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар.
Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад – бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй,
Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыр сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ равдыста Хуыцау Йӕ ӕгӕрон хорзӕх,