Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Колоссянам
1 2 3 4
Параллельные места
Ӕмӕ сымах дӕр куы фехъуыстат ӕцӕгады ныхас, фарны уац уӕ фервӕзыны тыххӕй, ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдыстут, уӕд баиу стут Йемӕ. Хуыцауы адӕм кӕй стут, уый равдисынӕн Хуыцау сымах схайджын кодта, зӕрдӕ Кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Сыгъдӕг Удӕй. Мах та боны хъӕбултӕ стӕм, ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та – не згъӕрхуд. Арфӕгонд уӕд нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн – Фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм хорзӕхтӕ уӕлӕрвты ӕфснайдӕй лӕууынц сымахӕн.
К Колоссянам
1 2 3 4
Выбор основного перевода