Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Колоссянам
1 2 3 4
Параллельные места
Ӕппӕт дӕр Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыстӕуыд, уыдонӕй ӕнӕ Уымӕй ницы сфӕлдыстӕуыд. Уый уыди, Йӕ фӕрцы кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы дунейы, фӕлӕ Йӕ дуне нӕ базыдта. Уыцы тых Хуыцау равдыста Чырыстийыл – мӕрдтӕй Йӕ райгас кодта ӕмӕ Йӕ уӕлӕрвты сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, Ӕппӕт уӕларвон ӕлдӕрттӕй ӕмӕ барджынтӕй, тыхджынтӕй ӕмӕ хицӕуттӕй уӕлдӕр; ӕмӕ Йын радта ӕрмӕст абоны нӕ, фӕлӕ фидӕны дунейы ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном. Абон та, рӕстӕджы кӕрон, немӕ дзырдта, дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста ӕмӕ ӕппӕтӕн дӕр бындарӕй Кӕй сӕвӕрдта, Йӕ уыцы Фырты дзыхӕй. Ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕй фӕрцы фӕзынд, уыцы Хуыцауы бафӕндыд Йӕ бирӕ хъӕбулты намысмӕ ӕрхонын. Ӕмӕ уый тыххӕй хъизӕмӕртты фӕрцы Йесойы уыдонӕн скодта алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Ирвӕзынгӕнӕг.
К Колоссянам
1 2 3 4
Выбор основного перевода