Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Колоссянам
1 2 3 4
Параллельные места
Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн ӕрцӕуынмӕ, фӕлӕ къуылымпытӕ ӕвзарын абонмӕ. Ӕз бӕллын, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, афтӕ мын сымахмӕ дӕр иуцасдӕр куыд бантыса. Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыди, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ. Уӕдӕ ӕз, Хицауы сӕраппонд ахст, курын сымахӕй, цӕмӕй уӕ цард уа, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта, уый аккаг. Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы фарны уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд фендзынӕн, кӕнӕ фӕсаууонмӕ фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут, фарны уац йӕ бындур кӕмӕн у, уыцы уырнындзинадыл, Лӕвӕрдтам уын ныфс, рӕвдыдтам ӕмӕ уӕ ахуыр кодтам, цӕмӕй уӕ цард уа, Йӕ Паддзахадмӕ ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ Чи хоны, уыцы Хуыцауӕн фӕндон. Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: куыд цӕрын хъӕуы ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын хъӕуы, ууыл уӕ мах куыд сахуыр кодтам, кӕд цӕргӕ дӕр афтӕ кӕнут, уӕддӕр ут ноджы ӕнувыддӕр.
К Колоссянам
1 2 3 4
Выбор основного перевода