Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Колоссянам
1 2 3 4
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ кӕд раздӕр Хуыцауы знӕгтӕ уыдыстӕм ӕмӕ Йемӕ бафидыдтам Йӕ Фырты мӕлӕты фӕрцы, уӕд нӕ цас фылдӕр ныфс ис, мах, Хуыцауимӕ фидыд адӕм, кӕй фервӕздзыстӕм Йӕ Фырты царды фӕрцы! Мах дӕр кӕддӕр цардыстӕм уыдонау, ӕфсӕстам нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ, нӕ чъизи хъуыдытӕн ӕмӕ бӕллицтӕн уыдыстӕм коммӕгӕс. Иннӕтау нӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ уыдыстӕм, Хуыцауы фыдӕх кӕй хъуамӕ баййӕфтаид, ахӕмтӕ. Уӕды заман уыдыстут ӕнӕ Чырысти, израилаг адӕмӕн ӕцӕгӕлӕттӕ, Хуыцауы бадзырдтӕ ӕмӕ зӕрдӕвӕрдӕй – ӕнӕхай, уӕ зӕрдӕ ницӕуыл дардтат, ацы дунейы цардыстут ӕнӕ Хуыцауӕй.
К Колоссянам
1 2 3 4
Выбор основного перевода