Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Фӕлӕ уыдон фарны уацы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ сӕхи кӕй нӕ дарынц, уый куы федтон, уӕд сеппӕты раз Кифӕйӕн загътон: «Кӕд ды, иудей, иудейау нӕ, фӕлӕ муртатау цӕрыс, уӕд муртатты иудейаг цардӕй цӕрыныл цӕмӕн ӕфтауыс?» О ӕнӕзонд галатӕгтӕ! Цыма Йесо Чырыстийы сымахмӕ байтыгъдӕуыд, афтӕ уын ӕй куы равдыстӕуыди, уӕд уӕ чи фӕцӕсты кодта [ӕмӕ ӕцӕгады коммӕ ма кӕсат]? Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕн сӕ бындур у, уӕлӕрвты уын ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдоныл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут, уый. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй сымах фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы – фарны уацы.
Выбор основного перевода