Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Ӕмӕ Чырысти кӕд нӕ райгас, уӕд уӕ уырнындзинадӕй пайда нӕй ӕмӕ нырма уӕ тӕригъӕдтӕй не ссӕрибар стут. Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид. Ӕз, Павел, зӕгъын сымахӕн: кӕд сунӕт кӕнут, уӕд уын Чырыстийӕ ницы пайда уыдзӕни. Сымахӕй Ӕгъдауы фӕрцы йӕхи чи раст кӕны, уыдон баззадысты ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕнӕхай фесты Хуыцауы хорзӕхӕй. Сауджынты – Левийы байзӕддӕгты лӕггад уыд адӕмӕн лӕвӕрд Ӕгъдауы бындур. Алцыдӕр уыдоны фӕрцы куы сӕнаипп уыдаид, уӕд ма цӕмӕн хъуыди, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн у, зӕгъгӕ, Кӕй тыххӕй загъд у, ахӕм ӕндӕр Алчер?
Выбор основного перевода