Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Цардмӕ цы дуар ӕмӕ фӕндаг кӕнынц, уыдон та уынгӕг ӕмӕ нарӕг сты, ӕмӕ сӕ чи ссары, уыдон бирӕ не сты. Ӕрӕввахс Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Фыдмӕ Йӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта йӕхионты ацы дунейы, бауарзта сӕ кӕронмӕ. Ӕз уыдонимӕ иу дӕн, Ды та Мемӕ иу дӕ. Уадз ӕмӕ уыдон дӕр уой иумӕ, ӕнӕфӕхицӕн, цӕмӕй дуне базона, Ды Мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ Мӕн куыд бауарзтай, уыдоны дӕр афтӕ кӕй бауарзтай, уый. Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаджы Йемӕ байтыгъдӕуыд нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд басӕттынӕн ӕмӕ тӕригъӕды цагъарӕй фервӕзынӕн. Ӕмӕ кӕд иугӕр Чырыстиимӕ амардыстӕм, уӕд ӕууӕндӕм, цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕй кӕндзыстӕм, ууыл. Мах зонӕм, мӕрдтӕй райгасы фӕстӕ Чырысти кӕй нал амӕлдзӕн, уый: мӕлӕты бон Ыл нал цӕуы. Уымӕн ӕмӕ куы амард, уӕд амард тӕригъӕдӕн иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ. Ныр та удӕгас у, ӕмӕ цӕры Хуыцауӕн. Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы. Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут. Ӕви Йесо Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй ис, уый нӕ зонут? Кӕд ӕй нӕ зонут, уӕд, цавӕр хъуамӕ уат, ахӕмтӕ не стут. Чырысти нӕ тӕригъӕдты тыххӕй Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ацы мӕнгард дунейӕ – афтӕ бафӕндыди нӕ Фыд Хуыцауы. Йӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд ӕфсадынӕн чи тауы, уый ӕркӕрддзӕни мӕлӕт; Уд ӕфсадынӕн чи тауы, уый та ӕркӕрддзӕни мыггагмӕйы цард. Ӕмӕ цӕрут кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхсызгон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.
Выбор основного перевода