Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Уӕдӕ зонут, ӕфсымӕртӕ: Йесойы фӕрцы сымахӕн хъуыстгонд цӕуы уац тӕригъӕдтӕ ныббарыны, Стӕй Моисейы Ӕгъдауы руаджы цӕмӕй не сраст уыдаиккат, ӕппӕт уыдӕттӕ ныххатыр кӕныны тыххӕй. Йесойы руаджы растгонд цӕуы алы уырнӕг дӕр. Фарны уац куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы раст кӕны, куы Йыл баууӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕн». Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕн. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд цы у, уый Ӕгъдауы руаджы базонӕм. Афтӕ «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ. Уӕдӕ уырнджытӕ уырнӕг Авраамимӕ сты арфӕгонд.
Выбор основного перевода