Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Уӕдӕ аргъауыны рӕстӕг мах амардыстӕм ӕмӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм Йемӕ, цӕмӕй Чырысти Йӕ Фыды намысджын хъаруйӕ мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уӕм ӕмӕ цӕрӕм ног цардӕй. Сымах дӕр афтӕ, ме 'фсымӕртӕ, Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры – мӕрдтӕй Сыстӕджы адӕм, ӕмӕ кусат Хуыцауӕн. Ныр мах амардыстӕм, кӕй уацары уыдыстӕм, ӕппӕт уыдӕттӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ссӕрибар стӕм Ӕгъдауӕй, цӕмӕй Хуыцауӕн кусӕм рагон фыстмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы ног цардӕй. Чырысти амард ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, цӕмӕй удӕгӕстӕ сӕхицӕн ма цӕрой, фӕлӕ цӕрой, уыдоны сӕрвӕлтау Чи амард ӕмӕ райгас, Уымӕн. Мах муртаттӕй рацӕуӕг тӕригъӕдджынтӕ не стӕм – туг-стӕгӕй стӕм иудейтӕ. Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид.
Выбор основного перевода