14
Фӕлӕ уыдон фарны уацы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ сӕхи кӕй нӕ дарынц, уый куы федтон, уӕд сеппӕты раз Кифӕйӕн загътон: «Кӕд ды, иудей, иудейау нӕ, фӕлӕ муртатау цӕрыс, уӕд муртатты иудейаг цардӕй цӕрыныл цӕмӕн ӕфтауыс?»
Ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейӕн кӕй нӕй муртатимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йӕм хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ.
Фӕлӕ сын мах нӕ басастыстӕм ӕмӕ иу сахаты бӕрц дӕр нӕ бахаудтам сӕ дӕлбар, цӕмӕй уӕм фарны уацы ӕцӕгад баззайа сыгъдӕгӕй.
Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Иаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн – аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон – немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕм, уыдон та – сунӕтгӕндтӕм.
Фӕлӕ Кифӕ Антиохимӕ куы ӕрцыд, уӕд ӕз комкоммӕ радзырдтон йӕ ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ раст нӕ бакодта.
Тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдонӕн уайдзӕф кӕн ӕппӕт аргъуаны раз, цӕмӕй тӕрсой иннӕтӕ дӕр.