Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Иудейӕйӕ ӕрцыди чидӕртӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн райдыдтой амонын: «Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сунӕт куы нӕ скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут». Ӕрбайхъуысти нӕм, махӕй чи ацыд, уыдонӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй фӕкъуыхцы кодтой ӕмӕ уын змӕнтынц уӕ зонд [сымах хъуамӕ кӕнат сунӕт ӕмӕ хӕцат Моисейы Ӕгъдауыл, зӕгъгӕ]. Фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхстам. Арӕх цыдтӕн балцыты; тӕссаг мын уыди цӕугӕдӕттыл; тӕссаг мын уыди абырджытӕй; тӕссаг мын уыди хи адӕмӕй; тӕссаг мын уыди муртаттӕй; тӕссаг мын уыди сахары; тӕссаг мын уыди ӕдзӕрӕг быдыры; тӕссаг мын уыди денджызы; тӕссаг мын уыди мӕнгӕфсымӕртӕй; Уый ӕндӕр фарны уац нӕу, ӕрмӕст ис, уӕ зонд уын чи змӕнты ӕмӕ Чырыстийы фарны уац сзыгъуыммӕ кӕнын кӕй фӕнды, ахӕмтӕ. Афтӕ мах дӕр: цалынмӕ сабитӕ уыдыстӕм, уӕдмӕ ацы дунейы ӕгъдӕутты цагъартӕ уыдыстӕм.
Выбор основного перевода