Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де 'лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Уый арфӕ бафтыдта Аврамыл: «Арфӕгонд у Аврам Бӕрзонд Хуыцауӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй. Арфӕгонд у Бӕрзонд Хуыцау; Уый дын радта уӕлахиз де знӕгтыл». Аврам Мелхиседекӕн алцӕмӕй дӕр радта дӕсӕймаг хай. Дуне уыдоны хай кӕй бауыдзӕн, уымӕй Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн зӕрдӕ бавӕрдӕуыд Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рӕстгӕнӕгыл кӕй банымадта, уый тыххӕй. Хуыцау Авраамы куы фӕлвӕрдта, уӕд Авраам, уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы нывондӕн ӕрхаста Исаакы. Кӕд ын зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, уӕддӕр цӕттӕ уыд йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
Выбор основного перевода