Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ӕз мӕхи нӕ тигъ кӕнын Хуыцауы хорзӕхыл. Уымӕн ӕмӕ адӕймаджы кӕд Ӕгъдау раст кӕны, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард. Уый тыххӕй зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ». Раздӕры фӕдзӕхст та аивдӕуы, ӕдых ӕмӕ ӕнӕпайда кӕй свӕййы, уымӕ гӕсгӕ. Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕнаипп ницы скодта. Ныр та лӕвӕрд ӕрцыди, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы хӕстӕгдӕр кӕнӕм, ахӕм хуыздӕр зӕрдӕдарӕн. Уымӕн ӕмӕ фыццаг фидыд куы ницы хъуаг уыдаид, уӕд дыккаджы сӕр нӕ бахъуыдаид. Сыгъдӕг Цатыр фӕсномыгӕй абонмӕ амоны: Хуыцауӕн цы хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ хӕссынц, уыдон ницы ахъаз сты се 'рхӕсджыты ӕфсармы тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн. Фидӕны цы хорзӕхтӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, Ӕгъдау уыдонӕн сӕхи не 'вдисы, фӕлӕ у ӕрмӕст сӕ аууон. Уымӕ гӕсгӕ афӕдзӕй-афӕдзмӕ иудадзыг ӕмхуызон нывондтӕ чи хӕссы, Ӕгъдау уыдоны ӕнаипп никӕд скӕндзӕн.
Выбор основного перевода