Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Иуда, дӕуӕн скад кӕндзысты де 'фсымӕртӕ. Дӕ къух – де знӕгты бӕрзӕйыл; ныллӕг дын кувдзысты дӕ фыды фырттӕ. Паддзахиуӕг Иуда кӕндзӕн, ӕмӕ паддзахы лӕдзӕг йӕ байзӕддагмӕ уыдзӕн; уӕдмӕ ӕрцӕудзӕн, Паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый, ӕмӕ адӕмтӕ ӕрзоныг уыдзысты Йӕ разы. Иудӕйӕн Фамарӕй райгуырдысты Фарес ӕмӕ Зара; Фаресӕй райгуырд Есром; Есромӕй райгуырд Арам; „Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, ницӕмӕй къаддӕр дӕ Иудӕйы сӕйраг сахартӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕни Фӕтӕг ӕмӕ хиздзӕни Мӕ адӕмы – Израилы"». Аминадавы, Админы, Арнийы, Есромы, Фаресы, Иудӕйы, Уый у фарны уац Йӕ Фырты тыххӕй. Туг ӕмӕ стӕгӕй Уый уыди Давиды байзӕддаг, Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг».
Выбор основного перевода