Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ӕмӕ цӕрут кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхсызгон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ. Уӕдӕ, мӕ сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕларвмӕ хуындтытӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ – ӕргомӕй кӕуыл хӕцӕм, нӕ уыцы уырнындзинады Алчер Йесомӕ. Уӕдӕ махӕн ис, уӕлӕрвтыл Чи ахызти, уыцы стыр Алчер Йесо, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ фидар ныххӕцӕм, ӕргомӕй цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл. Уымӕн ӕмӕ алы алчеры дӕр адӕмӕй сӕвзӕрстӕуы, адӕмы сӕраппонд ӕй сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, тӕригъӕдты тыххӕй хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ куыд хӕсса. Уымӕ гӕсгӕ адӕмы тӕригъӕдты ӕмрӕнхъ йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй дӕр хъуамӕ хӕсса нывондтӕ. Нӕ ныхасы сӕр та мӕнӕ уый у: махӕн ис, уӕлӕрвты Дунедарӕджы рахиз фарс Чи сбадт, ахӕм Алчер. Ныр та ӕрцыд Чырысти – ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Цатырмӕ. Уыцы Цатыр у ахсджиагдӕр ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст; лӕджыкъухӕйконд нӕу, ома, нӕу ацы дунейӕ. Сӕгъты ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ Чырысти бацыд Иууылсыгъдӕгмӕ, ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй. Чи фӕчъизи, уыдон кӕд сӕгъты ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕнынӕй ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уӕд цас ӕмӕ цас тыхджындӕр у, мыггагмӕйы Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй – ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кусдзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн. Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕ фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон сын уой хатыргонд Йӕ мӕлӕты фӕрцы, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис ӕмӕ ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ туг куы нӕ акӕла, уӕд хатыр нӕй. Афтӕ куы уаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Ныр та Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ. Афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ. Алы сауджын дӕр ӕрвылбон лӕггад кӕны Хуыцауы раз ӕмӕ бирӕ хӕттыты ӕрхӕссы, тӕригъӕдтӕ кӕмӕй никуы ис фесафӕн, ахӕм уыциу нывондтӕ. Тӕригъӕдтӕ барст куы уой, уӕд уыдоны тыххӕй нывонд хӕссын нал хъӕуы.
Выбор основного перевода