Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау – рарвыста Йӕ Фырты. Фырт райста адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн ӕрдзыхъӕд; ӕмӕ Йӕ ӕрхастӕуыд нывондӕн тӕригъӕды тыххӕй. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн, Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат? Фидӕны цы хорзӕхтӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, Ӕгъдау уыдонӕн сӕхи не 'вдисы, фӕлӕ у ӕрмӕст сӕ аууон. Уымӕ гӕсгӕ афӕдзӕй-афӕдзмӕ иудадзыг ӕмхуызон нывондтӕ чи хӕссы, Ӕгъдау уыдоны ӕнаипп никӕд скӕндзӕн. Науӕд нывондтӕ нал хӕссиккой, уымӕн ӕмӕ иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ ссыгъдӕг уаиккой тӕригъӕдӕй ӕмӕ сын се 'фсарм тӕрхонгӕнӕг нал уаид. Фӕлӕ уыцы нывондтӕ афӕдзӕй-афӕдзмӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынц тӕригъӕдтӕ, Уымӕн ӕмӕ галтӕ ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕн фесафӕн нӕй.
Выбор основного перевода