Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Уыцы нывондтӕ хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ ӕрмӕстдӕр сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты хуыздӕр уагӕвӕрды ӕрцыдмӕ. Уӕд цас ӕмӕ цас тыхджындӕр у, мыггагмӕйы Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй – ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кусдзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн. Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард. Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.
Выбор основного перевода