Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не 'рцӕуа, уӕд. Уымӕн ӕмӕ куы амард, уӕд амард тӕригъӕдӕн иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ. Ныр та удӕгас у, ӕмӕ цӕры Хуыцауӕн. Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахиз фарс ӕмӕ куры мах тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ӕхсӕн дӕр иу Ӕхсӕнылӕг ис – Адӕймаг Йесо Чырысти. Мӕнӕ, зӕгъы Хуыцау, уыцы бонты фӕстӕ Израилы байзӕддагимӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы фидыд: сӕ зонды сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ныффысдзынӕн Ме 'гъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм. Уӕд алчи йе 'мбӕстаджы ӕмӕ йе 'фсымӕры нӕ ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ йын нӕ дзурдзӕн: „Базон Хуыцауы", уымӕн ӕмӕ иууылдӕр, стырӕй-чысылӕй, зондзысты Мӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз ныббардзынӕн сӕ галиу митӕ, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн». Уыцы фидыд ног схонгӕйӕ, Хуыцау фенын кодта, фыццаг фидыд кӕй базӕронд, уый. Цы ныххӕррӕгъ ӕмӕ базӕронд уа, уымӕн та йе сӕфт ӕрӕввахс вӕййы. Чырысти бацыд, ӕцӕг Иууылсыгъдӕджы фӕлгонц чи у, лӕджыкъухӕйконд ахӕм Иууылсыгъдӕгмӕ нӕ, фӕлӕ комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз. Уымӕн ӕмӕ нӕм цард раргом кодта йӕхи, федтам ӕй ӕмӕ йын стӕм ӕвдисӕн. Ӕмӕ уын хъусын кӕнӕм, Фыдмӕ чи уыд ӕмӕ махӕн йӕхи чи раргом кодта, уыцы мыггагмӕйы царды тыххӕй. Мӕ хъӕбултӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти. Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у, Дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, ныр цӕрдзынӕн мыггагӕй-мыггагмӕ. Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.
Выбор основного перевода