Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Уӕдӕ ут ӕнаипп, уӕ Уӕларвон Фыд ӕнаипп куыд у, афтӕ. Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд ӕрцыд, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгад та Йесо Чырыстийы фӕрцы лӕвӕрд сты. Стӕй Моисейы Ӕгъдауы руаджы цӕмӕй не сраст уыдаиккат, ӕппӕт уыдӕттӕ ныххатыр кӕныны тыххӕй. Йесойы руаджы растгонд цӕуы алы уырнӕг дӕр. Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕн. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд цы у, уый Ӕгъдауы руаджы базонӕм. Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы намысӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал и кӕрон. Фӕлӕ мах зонӕм, Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни, фӕлӕ ӕрмӕст Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах баууӕндыдыстӕм Йесо Чырыстийыл, цӕмӕй сраст уӕм Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы нӕ, фӕлӕ Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни. О ӕнӕзонд галатӕгтӕ! Цыма Йесо Чырыстийы сымахмӕ байтыгъдӕуыд, афтӕ уын ӕй куы равдыстӕуыди, уӕд уӕ чи фӕцӕсты кодта [ӕмӕ ӕцӕгады коммӕ ма кӕсат]? Сымахӕй мӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕ уый базонын фӕнды: Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы схайджын стут Сыгъдӕг Удӕй, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы? Ахӕм ӕнӕзонд стут? Сыгъдӕг Уды разамындӕй цы райдыдтат, уый ныр уӕхи хъарутӕй фӕуынмӕ хъавут? Цытӕ бавзӕрстат, уый дзӕгъӕлы фӕци? Ау, дзӕгъӕлы фӕци! Ӕгъдау кӕй ӕххӕст кӕнут, Хуыцау уын Сыгъдӕг Уд уый руаджы дӕтты ӕмӕ уе 'хсӕн диссӕгтӕ уый фӕрцы кӕны, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы? Афтӕ «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ. Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртатты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта фарны уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Уӕдӕ уырнджытӕ уырнӕг Авраамимӕ сты арфӕгонд. Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдон та сеппӕт дӕр ӕлгъыст сты. Уымӕн ӕмӕ фыст у: «Ӕгъдауы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, уыдӕттӕ иудадзыг чи не 'ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у». Ӕгъдауы фӕрцы та Хуыцауы раз кӕй ничи сраст уыдзӕн, уый бӕлвырд у, уымӕн ӕмӕ «рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни». Ӕгъдау та уырнындзинадимӕ баст нӕу, фӕлӕ «йӕ чи сӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕн йӕ фӕрцы». Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй – нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл кӕйдӕриддӕр ӕрцауыгъдӕуыд, уый ӕлгъыст у». Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй Хуыцау Авраамыл цы арфӕ бафтыдта, уый Йесо Чырыстийы фӕрцы анхъӕвза муртаттыл, ӕмӕ мах уырнындзинады руаджы схайджын уӕм, ныфс Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Удӕй. Ӕфсымӕртӕ, цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн адӕймаджы цардӕй: адӕймаджы ныстуан фидаргонд куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ничи аивы ӕмӕ йӕм ничи бафтауы. Хуыцау та зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн. Фыст нӕу «байзӕддӕгтӕн дӕр», ома, бирӕ адӕмӕн, фӕлӕ фыст у иуы тыххӕй: «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн». Уыцы байзӕддаг Чырысти у. Ӕз мӕнӕ уый зӕгъын: Хуыцау цы фидыд сарӕзта, уымӕн йӕ бынат нӕ бацахста, цыппарсӕдӕ ӕртын азы фӕстӕ цы Ӕгъдау фӕзынд, уый; ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд баззад йӕ тыхы. Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй ӕвӕрдӕуы, кӕд уыдоны Ӕгъдау дӕтты, уӕд уый зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ нал у. Фӕлӕ Йӕ уыцы хорзӕхтӕ Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ радта. Уӕдӕ Ӕгъдау цӕй тыххӕй у? Хуыцау ӕй фӕстӕдӕр уӕлӕмхасӕнӕн радта адӕмы фыдракӕндты тыххӕй, зӕрдӕ Кӕмӕн бавӕрдӕуыд, уыцы Байзӕддаг цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Ӕгъдау ӕвӕрд ӕрцыди зӕдты ӕххуысӕй ӕмӕ ӕхсӕнылӕджы фӕрцы. Фӕлӕ ӕхсӕнылӕг ӕппынкъаддӕр дыууӕ ныхасгӕнӕгӕн вӕййы, Хуыцау та иу у. Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид. Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕдмӕ ахст кӕй у, уый тыххӕй, цӕмӕй, Хуыцау зӕрдӕ цы раттынӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуа уырнджытӕн. Уырнындзинады ӕрцыдмӕ та ахст уыдыстӕм, ӕмӕ нӕ Ӕгъдау хъахъхъӕдта, ӕрцӕуинаг цы уырнындзинад уыди, цалынмӕ уый раргом, уӕдмӕ. Уӕдӕ Ӕгъдау махӕн уыди, Чырыстимӕ нӕ чи хъуамӕ ӕркодтаид, уыцы сабигӕс, цӕмӕй сраст уӕм уырнындзинады фӕрцы. Уырнындзинад куы ӕрцыди, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы сабигӕсы дӕлбар нал стӕм. Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уеппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут. Уымӕн ӕмӕ сымах – Чырыстиимӕ баиуы охыл кӕуыл саргъуыдӕуыд, уыдон – баиу стут Чырыстиимӕ. Ныр нал ис нӕдӕр иудей, нӕдӕр бердзенаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уеппӕт дӕр Йесо Чырыстиимӕ ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ иу стут. Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, ӕмӕ райсдзыстут, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, Йӕ уыцы хорзӕхтӕ. Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын уа хатыр ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг ӕххуысӕн райсӕм хорзӕх. Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ӕмӕ сомыйӕн ивӕн нӕй, ӕмӕ дзы Хуыцауы бон мӕнг зӕгъын нӕу. Йӕ уыцы дыууӕ хъуыддаджы махӕн дӕттынц стыр ныфс, ӕмӕ мах, Хуыцауы дӕлбазыр ӕмбӕхсӕн ссарджытӕ, фидар хӕцӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, ууыл. Фӕлӕ Йесо цы Алчеры куыст райста, уый уыдоны куыстӕй уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ Йесо хуыздӕр фидыды Ӕхсӕнылӕг у ӕмӕ уыцы фидыд хуыздӕр зӕрдӕвӕрдыл ӕнцой кӕны. Мӕнӕ, зӕгъы Хуыцау, уыцы бонты фӕстӕ Израилы байзӕддагимӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы фидыд: сӕ зонды сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ныффысдзынӕн Ме 'гъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм. Сыгъдӕг Цатыр фӕсномыгӕй абонмӕ амоны: Хуыцауӕн цы хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ хӕссынц, уыдон ницы ахъаз сты се 'рхӕсджыты ӕфсармы тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн.
Выбор основного перевода