Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд фараон басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссут ацы зӕххыл». Фараон загъта: «Ӕз уӕ ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕдзӕрӕг ран нывонд ӕрхӕссынмӕ. Ӕрмӕст дард ма ацӕут. Ныр та уал бакувут мӕн тыххӕй». Фараон арвыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, басидти сӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕз ацы хатт тӕригъӕд ракодтон; Дунедарӕг раст у, ӕз ӕмӕ мӕ адӕм та азымджын стӕм. Бакувут Дунедарӕгмӕ; Йӕ ӕрвнӕрдӕн ӕмӕ Йӕ ихуардӕн кӕрон скӕнӕд! Ӕмӕ уӕ ӕз ауадздзынӕн, ам нал баззайдзыстут». Ацы хаттма мын ныббарут мӕ тӕригъӕд, бакувут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна ацы бӕллӕхӕй». Моисей рацыди фараонӕй ӕмӕ бакуывта Хуыцаумӕ. Уӕд Симон дзуапп радта: «Бакувут мӕн тыххӕй Хицаумӕ, ӕмӕ цы загътат, ахӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа».
Выбор основного перевода