Иосифӕн ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр – хицӕнӕй, стӕй ма Иосифимӕ чи хордта, уыцы мысырӕгтӕн дӕр – хицӕнӕй. Уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ дзуттӕгтимӕ иу фынгыл нӕ бадтысты – ӕлгъаг сӕм касти.
Уӕд ын дзуапп раттут: „Мах, дӕ цагъартӕ, не 'взонджы бонтӕй нырмӕ, нӕ фыдӕлтау, фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕ ӕрцӕрын кӕндзысты Гесемы зӕххыл. Уымӕн ӕмӕ фыййау мысырӕгты цӕсты ӕлгъаг у».