Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фараон басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Бакувут Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй мӕн ӕмӕ мӕ адӕмы фервӕзын кӕна галхӕфсытӕй. Ӕмӕ дӕ адӕмы ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ». Кӕй сын фенцондӕр, уый фараон федта, фӕлӕ та ацы хатт дӕр разынди хивӕнд; Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн Дунедарӕг развӕлгъау куыд загъта, афтӕ сӕм нӕ байхъуыста. Моисей йын загъта: «Ӕз дӕуӕй куы ацӕуон, уӕд бакувдзынӕн ӕмӕ дзынгатӕ райсом ныууадздзысты фараоны, йӕ фӕсдзӕуинты ӕмӕ йӕ адӕмы. Ӕрмӕст нӕ фараон мауал расайбасай кӕнӕд, ӕмӕ адӕмы ауадзӕд Дунедарӕгӕн нывондтӕ ӕрхӕссынмӕ». Фӕлӕ та ацы хатт дӕр фараон разынди дурзӕрдӕ, ӕмӕ нӕ ауагъта израилаг адӕмы.
Выбор основного перевода