Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Афтӕ дын зӕгъы Дунедарӕг: ‘Ныртӕккӕ базондзынӕ, Ӕз Хуыцау кӕй дӕн, уый’. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз ӕрцӕвдзынӕн цӕугӕдон, ӕмӕ туг фестдзӕни. Дунедарӕг израилӕгты фос рахицӕн кӕндзӕни мысырӕгты фосӕй, ӕмӕ израилаг адӕмы ӕппӕт фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн“». Ӕмӕ Дунедарӕг сарӕзта, цы загъта, уый: дыккаг бон мысырӕгтӕн ӕппӕт фос дӕр фӕцагъды; израилаг адӕмы фосӕй та иу дӕр нӕ фӕхъуыди. Ӕрмӕст Израилы адӕм кӕм цардысты, Гесемы уыцы зӕххыл их не 'руарыд. Адӕм кӕрӕдзи нал уыдтой, ӕмӕ ӕртӕ боны йӕ бынатӕй ничи фезмӕлыд; ӕппӕт израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым та рухс уыди. Ӕмӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл анхъӕвздзӕни, чи никуыма уыд ӕмӕ никуал уыдзӕн, ахӕм хъарӕг. Израилы ӕппӕт адӕмыл та ӕгӕрмӕгуыр куыдз дӕр не срӕйдзӕн: нӕдӕр адӕймагыл, нӕдӕр фосыл. Ӕмӕ афтӕмӕй базондзысты, мысыраг адӕммӕ ӕмӕ израилаг адӕммӕ Дунедарӕг ӕмхуызон цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы“».
Выбор основного перевода