Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фараон басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Бакувут Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй мӕн ӕмӕ мӕ адӕмы фервӕзын кӕна галхӕфсытӕй. Ӕмӕ дӕ адӕмы ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ». Кӕй сын фенцондӕр, уый фараон федта, фӕлӕ та ацы хатт дӕр разынди хивӕнд; Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн Дунедарӕг развӕлгъау куыд загъта, афтӕ сӕм нӕ байхъуыста. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Мысырмӕ куы ӕрыздӕхай, уӕд ма ферох кӕн, Ӕз дын кӕй бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ фараоны раз равдисын. Ӕз та йын ратдзынӕн хивӕнд зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ рауадздзӕн Мӕ адӕмы.
Выбор основного перевода