Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Моисейӕн: « Сӕрмагонд куыстӕн Иудайы хӕдзарвӕндагӕй Ӕз сӕвзӕрстон Уриайы фырт Веселиилы – Оры фыртыфырты. Ӕз ӕй схайджын кодтон Хуыцауы Удӕй, зондӕй, ӕмбарынадӕй, зонынадӕй ӕмӕ курдиатӕй Нывӕфтыд хъуымӕцтӕ уафынмӕ, сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ ӕрхуыйӕ алы дзаумӕттӕ аразынмӕ, Фӕлгӕты бавӕрынӕн дуртыл фыссынмӕ ӕмӕ хъӕдыл нывӕфтауынмӕ – алы куыстмӕ дӕр куыд арӕхса, афтӕ. Ӕххуысгӕнӕгӕй йын Даны хӕдзарвӕндагӕй дӕттын Ахисамахы фырт Аголиавы. Зӕрдӕргъӕвд чи у, уыдонӕн радтон зонд, ӕмӕ араздзысты, Ӕз дӕуӕн цы саразын бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ:
Выбор основного перевода