Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Акъацийӕ сараз Чырын; йӕ дӕргъ уӕд дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ бӕрзӕнд – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. Мидӕгӕй ӕмӕ ӕдде йӕ сӕвдул сыгъдӕг сыгъзӕриндоны; уӕле йын йӕ кӕрӕттыл сӕвӕр сыгъзӕрин тӕлмытӕ. Джиппы йын рауадз цыппар сыгъзӕрин цӕджы, ӕмӕ сӕ бафидар кӕн йӕ цыппар тигъмӕ: дыууӕ цӕджы – иуӕрдыгӕй, дыууӕ цӕджы – иннӕрдыгӕй. Ӕмбӕрзӕн бауаф ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй; ӕмбӕрзӕныл херувимтӕ хъуамӕ уой нывӕфтыдӕй. Ӕмӕ йӕ ӕрцауындз сыгъзӕриндоны тылд цыппар акъаци цӕджындзыл. Цӕджындзтыл хъуамӕ уа сыгъзӕрин къӕпсыртӕ, сӕ быны – ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ. Ӕмбӕрзӕн ӕрцауындз къӕпсыртыл, ӕмӕ фӕсӕмбӕрзӕнмӕ бахӕсс фидыды Чырын. Ӕмбӕрзӕн сыгъдӕг бынат фӕхицӕн кӕндзӕн Иууылсыгъдӕг бынатӕй.
Выбор основного перевода