Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Цатырӕн йӕ алыварс сараз кӕрт; кӕрты хуссар фарсыл хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕн уӕздан виссонӕй, йӕ уӕрх – фондзыссӕдз ӕлмӕрины. Кӕртӕн сараз ссӕдз цӕджындзы ссӕдз ӕрхуы бынӕвӕрӕнимӕ; цӕджындзтыл хъуамӕ уа ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ. Кӕрты цӕгатварсыл кӕрӕйкӕронмӕ хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕнтӕ; сӕ уӕрх – фондзыссӕдз ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнтӕн сараз ссӕдз цӕджындзы ӕмӕ ссӕдз ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзыл хъуамӕ уа ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ. Кӕрты ныгуылӕнварс уӕрхмӕ, кӕрӕйкӕронмӕ, хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕнтӕ; сӕ уӕрх – дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнтӕн сараз дӕс цӕджындзы ӕмӕ дӕс бынӕвӕрӕны. Скӕсӕнырдыгӕй кӕртӕн йӕ уӕрх хъуамӕ уа дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. Кӕртмӕ бацӕуӕнӕй иу къуыммӕ хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕн; йӕ дӕргъ – фынддӕс ӕлмӕрины. Сараз ын ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны. Бацӕуӕнӕй иннӕ къуыммӕ дӕр хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕн; йӕ дӕргъ – фынддӕс ӕлмӕрины. Сараз ын ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны. Кӕрты дуарӕн ӕмбӕрзӕн бауаф ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй нывӕфтыдтимӕ; йӕ уӕрх – ссӕдз ӕлмӕрины; сараз ын цыппар цӕджындзы ӕмӕ цыппар бынӕвӕрӕны. Ӕппӕт цӕджындзтӕ кӕрты алыварс кӕрӕдзиимӕ хъуамӕ баст уой ӕвзист ӕлвасӕнтӕй; сӕ къӕпсыртӕ сын сараз ӕвзистӕй, сӕ бынӕвӕрӕнтӕ – ӕрхуыйӕ.
Выбор основного перевода