Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Цатыр сараз дӕс ӕмбӕрзӕнӕй – уыдон хъуамӕ уой уӕздан виссонӕй ӕмӕ ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй. Ӕмбӕрзӕнтыл бауафут херувимтӕ. Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ уӕд аст ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнтӕ иууылдӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ. Фондз ӕмбӕрзӕны хъуамӕ бахуыдӕуа иу иннӕимӕ, иннӕ фондз ӕмбӕрзӕны дӕр бахуыдӕуӕд иу иннӕимӕ. Фондз ӕмбӕрзӕнӕй цы ӕмбӕрзӕн бахуыдӕуа, уымӕн йӕ кӕроныл сараз ӕрвхуыз сӕхтӕджытӕ. Ахӕм сӕхтӕджытӕ сараз ӕмбӕрзӕны иннӕ кӕроныл дӕр. Ӕмбӕрзӕнтӕй иуӕн йӕ кӕроныл сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы сараз иннӕ ӕмбӕрзӕны кӕроныл дӕр. Иу ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытӕ хъуамӕ бадой иннӕ ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытимӕ. Сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз къӕпсыры сыгъзӕринӕй, ӕмӕ уыцы къӕпсыртӕй иу ӕмбӕрзӕн баиу кӕн иннӕимӕ, ӕмӕ афтӕмӕй Цатыр уыдзӕн ӕмхӕст. Цатыры сӕр бамбӕрзынӕн тинтычъийӕ бауаф ӕмбӕрзӕнтӕ; ахӕм ӕмбӕрзӕнтӕ бауаф иуӕндӕс. Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ хъуамӕ уа дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – цыппар ӕлмӕрины. Иуӕндӕс ӕмбӕрзӕны дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ. Ӕмбӕрзӕнтӕ бахуый иу иннӕйыл – фондз ӕмбӕрзӕны иумӕ, иннӕ ӕхсӕз ӕмбӕрзӕны та – иумӕ. Ӕхсӕзӕм ӕмбӕрзӕн сараз дывӕлдӕхтӕй, ӕвӕрд уӕд Цатыры раззаг фарсыл. Иу ӕмбӕрзӕны кӕроныл сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы сараз иннӕ ӕмбӕрзӕны кӕроныл дӕр. Уый фӕстӕ сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры, сӕхтӕджыты сӕ бафтау Цатыры сӕры ӕмбӕрзӕнтӕ баиу кӕнынӕн. Афтӕмӕй Цатыры ӕмбӕрзӕн ӕнӕхъӕнӕй уыдзӕн ӕмхӕст. Цатыры сӕр ӕмбӕрзӕны дӕргъӕй уӕлдай цы разына (иу ӕмбӕрзӕны ӕмбис), уый хъуамӕ ӕрзӕбул уа Цатыры фӕстаг фарсыл. Цатыры ӕмбӕрзӕнты дӕргъӕн йӕ уӕлдай – ӕлмӕрин иуӕрдыгӕй ӕмӕ ӕлмӕрин иннӕрдыгӕй – ӕрзӕбул уӕд Цатырӕн йӕ дыууӕ фарсыл ӕнӕхъӕнӕй йӕ бамбӕрзыны тыххӕй. Цатыры сӕрӕн иу ӕддаг цъар сӕвӕр сырх фысдзӕрмттӕй; уыцы цъары уӕлӕ тӕнӕг сӕракӕй сӕвӕр ӕддаг цъар. Цатырӕн акъацибӕласӕй сараз цыппӕрдигъон цӕджындзтӕ. Цӕджындзты дыгӕйттӕй бафидар кӕн кӕрӕдзимӕ; сӕ бӕрзӕнд хъуамӕ уа фӕйнӕ дӕс ӕлмӕрины, се 'хсӕн – фӕйнӕ ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. Алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр хъуамӕ уа дыууӕ къӕпсыры – иу иннӕйы акомкоммӕ; афтӕ Цатыры ӕппӕт цӕджындзтӕн сараз къӕпсыртӕ. Цатырӕн сараз цӕджындзтӕ: ссӕдз цӕджындзы – йӕ хуссар фарсӕн. Cсӕдз цӕджындзӕн сараз дыууиссӕдз бынӕвӕрӕны ӕвзистӕй: дыууӕ бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзы дыууӕ къӕпсырӕн дӕр. Cсӕдз цӕджындзы та сараз Цатыры иннӕ фарсӕн – цӕгат фарсӕн. Сараз сын дыууиссӕдз ӕвзист бынӕвӕрӕны: алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр – дыууӕ бынӕвӕрӕны. Цатыры фӕстаг фарсӕн, ныгуылӕн фарсӕн, сараз дыууадӕс цӕджындзы. Цыппар цӕджындзы та сараз Цатыры фӕстаг фарсы тигътӕн. Уыцы цӕджындзтӕ бынӕй хъуамӕ уой саджил, уӕлейӕ та, фыццаг цӕг кӕм ис, уым та – ӕмхӕст. Ахӕмтӕ хъуамӕ уой, тигъты ӕвӕрд чи уыдзӕн, уыцы цыппар цӕджындзы. Афтӕмӕй цӕджындзтӕ уыдзысты ӕхсӕрдӕс, сӕ ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ дӕр – ӕхсӕрдӕс: фӕйнӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр. Акъацибӕласӕй сараз фондз хъилы Цатыры иу фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн. Фондз хъилы та сараз Цатыры иннӕ фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн, фондз хъилы – Цатыры фӕстаг, ныгуылӕн, фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн. Мидӕггаг хъил хъуамӕ ацӕуа ӕппӕт цӕджындзты хӕдастӕуты – иу кӕронӕй иннӕмӕ. Цӕджындзтӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны, хъилтӕ цы цӕгты тъыст уыдзысты, уыдоны дӕр сараз сыгъзӕринӕй; хъилтӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны. Цатыр ӕрӕвӕр, хохыл дын ӕй куыд фенын кодтон, афтӕ.
Выбор основного перевода