Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Зӕрингуырд куыд аразы, афтӕ сараз рухсгӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. Рухсгӕнӕн йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ, йӕ дидинхуыз фӕлындӕнтӕ – дидинӕджы къуырфтӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ – хъуамӕ уой ӕмхӕст. Йӕ фӕрстыл уӕнт ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы – иуӕрдыгӕй, ӕртӕ къалиуы – иннӕрдыгӕй. Алы къалиуыл дӕр хъуамӕ уа ӕртӕ дидинӕджы; уыдон хъуамӕ уой миндалы хуызӕн фӕлындӕнтимӕ – дидинӕджы къуырфтимӕ ӕмӕ дидинсыфтимӕ. Ахӕм дидинджытӕ хъуамӕ уой рухсгӕнӕны ӕппӕт ӕхсӕз къалиуыл дӕр. Рухсгӕнӕны зӕнгыл ноджыдӕр сараз, миндалы дидинджыты хуызӕн фӕлындӕнтӕ – цыппар дидинӕджы сӕ къуырфтимӕ ӕмӕ сӕ дидинсыфтимӕ. Рухсгӕнӕныл цы ӕхсӕз къалиуы ис, уыдонӕй дыууӕйы бынмӕ – дидинӕджы къуырф, иннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуырф, аннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуырф. Афтӕ фӕлыст хъуамӕ уой рухсгӕнӕны ӕхсӕз къалиуы дӕр. Ӕппӕт фӕлындӕнтӕ ӕмӕ къалиутӕ хъуамӕ ӕмхӕст уой рухсгӕнӕнимӕ. Рухсгӕнӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ уа сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, ӕмӕ зӕрингуырдтӕ куыд аразынц, афтӕ арӕзт. Рухсгӕнӕныл сараз авд цырагъы, сӕ рухс рухсгӕнӕны размӕ куыд кӕла, афтӕ. Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй йын сараз ӕртыскӕн ӕмӕ ӕртхутӕгдонтӕ. Рухсгӕнӕныл йеппӕт мигӕнӕнтимӕ бахардз кӕн сыгъдӕг сыгъзӕрины киккар. Израилаг адӕмӕн бафӕдзӕхс зетибӕласӕй дын хуыздӕр зети, гагатӕй лӕмӕрст зети, рухсгӕнӕнӕн дӕттын, рухсгӕнӕн иудадзыг куыд судза, афтӕ.
Выбор основного перевода