Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Нывондхӕссӕн сараз акъацийӕ; йӕ дӕргъ – фондз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – фондз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд – ӕртӕ ӕлмӕрины; нывондхӕссӕн хъуамӕ уа цыппӕрдигъон. Йӕ цыппар тигъыл ын сараз сыкъатӕ йемӕ ӕмхӕстӕй, ӕмӕ йӕ сӕвдул ӕрхуыдоны. Сараз хъуыраутӕ ӕртхутӕгӕн, чысыл белтӕ, куыситӕ, фыдисӕнтӕ ӕмӕ чысыл къоппытӕ ӕвзалыйӕн; ӕппӕт уыцы мигӕнӕнтӕ сараз ӕрхуыйӕ. Сараз ын хыз ӕрхуыйӕ; згъӕрхызы цыппар къуымы сараз цыппар ӕрхуы цӕджы. Хыз сӕвӕр нывондхӕссӕны кӕрӕттыл бынӕй, хыз нывондхӕссӕны хӕдастӕу куыд уа, афтӕ. Нывондхӕссӕнӕн акъацийӕ сараз хъилтӕ, ӕмӕ сӕ сӕвдул ӕрхуыдоны. Хъилтӕ нывондхӕссӕнӕн йӕ дыууӕ фарсыл атъысс цӕгты; ӕмӕ йӕ хӕсдзысты уыцы хъилтыл. Нывондхӕссӕн сараз фӕйнӕгӕй, ӕмӕ уӕд афтид; саразӕнт ӕй, дӕуӕн хохыл куыд равдыстӕуыд, афтӕ. Сараз ӕрхуы хихсӕн хи цӕхсынӕн; йӕ бынӕвӕрӕн дӕр хъуамӕ уа ӕрхуыйӕ. Сӕвӕр ӕй Фембӕлды Цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕхсӕн, ӕмӕ дзы ныккӕн дон. Аарон ӕмӕ дзы йӕ фырттӕ ӕхсӕнт сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ. Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуыны размӕ, кӕнӕ Хуыцауӕн басудзинаг нывонд ӕрхӕссыны тыххӕй нывондхӕссӕнмӕ бацӕуыны размӕ сӕхи ӕрнайӕнт донӕй, науӕд амӕлдзысты. Цӕмӕй ма амӕлой, уый тыххӕй сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ цӕхсӕнт донӕй. Уый Ааронӕн ӕмӕ йӕ байзӕддаджы ӕппӕт фӕлтӕртӕн уыдзӕн мыггагмӕ ӕххӕстгӕнинаг ӕгъдау».
Выбор основного перевода