Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ уыдон загътой: «Ахъуыдты у нӕ фӕндагӕй». Ӕмӕ ма сӕ ныхасмӕ бафтыдтой: «Кӕсма йӕм, ӕрцӕуӕггаг у, афтӕмӕй йӕ махӕн тӕрхонгӕнӕгӕй ныллӕууын фӕнды. Ныр мах дӕуӕн уыдонӕй ӕвзӕрдӕр митӕ бакӕндзыстӕм». Лӕгдыхӕй фӕстӕмӕ ахӕцыдысты Лотыл – хъуамӕ асастаиккой дуар. Йесо уыцы адӕймагӕн дзуапп радта: «Чи Мӕ сӕвӕрдта сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ уарӕгӕй?» Дыккаг бон дзуттӕгты кӕрӕдзийы нӕмгӕ куы федта, уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ фидауын кодта: „Хорз лӕгтӕ, ӕфсымӕртӕ куы стут, кӕрӕдзийы хъыджы цӕмӕн цӕут?" Фӕлӕ хионы ӕфхӕрӕг фесхуыста Моисейы ӕмӕ йын загъта: „Махӕн дӕ хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Знон мысыраджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс, ӕви?"
Выбор основного перевода