Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта: «Ӕз федтон Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ хъӕрзын – се 'фхӕрджытӕ сӕ тухӕнӕй марынц. Ӕз сын зонын сӕ удхар. Ааронӕн Хуыцау загъта: «Ӕдзӕрӕг ранмӕ ацу Моисейы размӕ». Аарон ацыд, Хуыцауы хохыл фембӕлд Моисейимӕ, ӕмӕ йын аба кодта. Ӕмӕ йыл адӕм баууӕндыдысты. Уыдон бамбӕрстой, Дунедарӕджы мӕт израилаг адӕмыл кӕй уыд ӕмӕ сын сӕ хъизӕмар кӕй федта, уый; ныллӕг Ын акуывтой ӕмӕ ӕрдӕлгом сты зӕххыл. Иофор Моисейы фырттимӕ ӕмӕ усимӕ ӕрцыди Моисеймӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Хуыцауы хохы рӕбын израилӕгтӕ асадӕны кӕм ӕрлӕууыдысты, уырдӕм. «Уый мын Хуыцау сарӕзта – ӕркаст мӕм, цӕмӕй адӕмы ӕхсӕн фидиссаг мауал уон».
Выбор основного перевода