Моисей уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд алыгъд ӕмӕ ӕрцард ӕцӕгӕлон мадиамаг бӕстӕйы. Ам ын райгуырд дыууӕ фырты.
Адам ноджыдӕр ӕриу йӕ усимӕ; ус ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Сиф: «Уымӕн ӕмӕ, – дзырдта Евӕ, – Каин амардта Авелы, ӕмӕ мын йӕ бӕсты Хуыцау радта ӕндӕр сывӕллон».
Авраам акаст ӕмӕ уыны: ӕртӕ лӕджы лӕууынц йӕ акомкоммӕ. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ цатырмӕ бахизӕнӕй азгъордта сӕ размӕ, зӕххы онг сын акуывта,