Уыцы рӕстӕг райгуырд Моисей; уыди рӕсугъд ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиаг сывӕллон. Фыццаг ӕртӕ мӕйы йӕ хастой йӕ фыды хӕдзары.
Моисей куы райгуырди, уӕд йӕ ныййарджытӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы йӕ ӕртӕ мӕйы ӕмбӕхстой. Уымӕн ӕмӕ сывӕллон тынг рӕсугъд кӕй у, уый федтой ӕмӕ паддзахы бардзырдӕй дӕр нал фӕтарстысты.