Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сомы кӕнын Мӕхицӕй, зӕгъы Хуыцау, ды уыцы хъуыддаг кӕй сарӕзтай – дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, Уый тыххӕй Ӕз дӕуыл ӕнӕмӕнг бафтаудзынӕн Мӕ бирӕ арфӕтӕ, уӕларвон стъалытау ӕмӕ денджызы былыл змисау сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты; се знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты. Ды Мӕнӕн коммӕгӕс кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Асиныл лӕууы Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Ды цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Ӕз фехъуыстон Израилаг адӕмы хъӕрзын дӕр, мысырӕгтӕ сӕ цагъарады кӕй дарынц, уый. Ӕмӕ Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди Мӕ фидыд.
Выбор основного перевода