Дыууиссӕдз азы йыл куы цыди, уӕд ӕм фӕзынд йе 'фсымӕрты, Израилы адӕмы, бабӕрӕг кӕныны фӕнд.
Моисей йӕ лӕджы кары куы бацыди, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы не сразы фараоны чызджы фырты ном хӕссыныл,
Ӕмӕ, тӕригъӕдӕй рӕстӕгмӕ йӕ мондӕгтӕ уадзыны бӕсты, хуыздӕрыл банымадта Хуыцауы адӕмимӕ тухӕнтӕ ӕвзарын.
Мысыраг хӕзнаты бӕсты йӕхицӕн зынаргъдӕр хӕзнайыл банымадта Чырыстийау ӕгад ӕййафын, уымӕн ӕмӕ хӕрзиуӕг райсынмӕ ӕнхъӕлмӕ каст.