Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Тӕхудиаг уыдзыстут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной ӕмӕ уӕ куы ӕфхӕрой, алы ӕвзӕртӕ уыл куы мысой, уӕд. Цин кӕнут ӕмӕ райут – уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх. Афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыди, уыдоны дӕр. Ӕмӕ Йӕ алчертӕ зылын кодтой бирӕ хъуыддӕгты. Уым Ӕй райдыдтой зылын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, Ай нын халы нӕ адӕмы, кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома, Паддзах». Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ та лӕууыдысты уым ӕмӕ Йӕ тынг зылын кодтой. Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у рын, ӕппӕт дунейы иудейты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг. Суанг архайдта Кувӕндон фӕчъизи кӕныныл, ӕмӕ йӕ мах ӕрцахстам. [Нӕ зӕрды уыди нӕхи Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ йын тӕрхон кӕнын; Ӕмӕ ныр мӕн цӕмӕй зылын кӕнынц, уый тыххӕй дӕумӕ цы бавдисой, уый сӕм нӕй. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй фыдӕвзарӕнты кӕй ӕфтут, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хъуыддаг ӕрцыди, уыйау, Фӕлӕ чырыстон кӕй у, кӕд уый тыххӕй исчи тухӕны ӕфты, уӕд ӕм худинаг ма кӕсӕд, фӕлӕ стауӕд Хуыцауы, цы ном хӕссы, уый тыххӕй.
Выбор основного перевода