Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Павел йӕ дзых нӕма байгом кодта, афтӕ Галлион иудейтӕн загъта: «Иудейтӕ, исты фыдбылыз кӕнӕ фыдракӕнд куы ӕрцыдаид, уӕд мын ӕфсон уыдаид сымахмӕ байхъусынӕн. Фӕлӕ ныхӕстыл, нӕмттыл ӕмӕ уӕ Ӕгъдауыл кӕй у уӕ быцӕу, уымӕ гӕсгӕ уӕ бар уӕхи. Нӕ мӕ фӕнды, ӕмӕ уын уыдӕтты тӕрхонгӕнӕг ӕз уон». Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, сӕ Ӕгъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фарстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ хӕссынц. Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабарыл цӕмӕн нымайут? Ома, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕн».
Выбор основного перевода