Куы сбон, уӕд иудейтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ нӕдӕр хӕрыны, нӕдӕр нуазыны тыххӕй.
Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион арвитут ӕфсӕддон хицаумӕ Павелы райсом сымахмӕ ӕрхоныны тыххӕй, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не 'рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ».