Йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодтой, уый мын куы загътой, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй арвыстон дӕумӕ. Йӕ зылынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхстон сӕ хъаст дӕумӕ бахӕссын».
Фӕлӕ сын Фест дзуапп радта: «Павел Кесарийы ахӕстоны ис, стӕй рӕхджы мӕхӕдӕг дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн.
Ӕмӕ уӕ кӕй бон у, уыдон рацӕуӕнт мемӕ, ӕмӕ кӕд уыцы лӕг ӕвзӕрӕй исты ракодта, уӕд-иу ӕй базылын кӕнӕнт».