26
Кесӕрмӕ ацы лӕджы тыххӕй бӕлвырдӕй цы ныффыссон, ахӕмӕй мӕм ницы ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрлӕууын кодтон уӕ разы, уӕлдайдӕр та дӕ разы, паддзах Агриппа, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕркӕсыны фӕстӕ зонон, цы ныффыссын хъӕуы, уый.
Адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та – иннӕ. Ӕфсӕддон хицауӕн змӕсты тыххӕй йӕ бон бӕлвырдӕй базонын кӕй ницы уыди, уымӕ гӕсгӕ радта Павелы фидармӕ акӕныны бардзырд.
«Паддзах Агриппа! Мӕхи нымайын амондджыныл, иудейтӕ мӕ цӕмӕйты зылын кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕй дӕ разы абон мӕхи кӕй раст кӕнын, уымӕй.
Уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды хорз зоныс иудейты ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзырддаг фарстатӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын фӕразонӕй мӕм байхъусын.
Паддзах Агриппа, пехуымпартыл ӕууӕндыс ӕви нӕ? Кӕй сыл ӕууӕндыс, уый ӕз зонын».