Фест сӕм баззад аст-дӕс боны, ӕмӕ ӕрбаздӕхт Кесаримӕ. Дыккаг бон ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радта Павелы ӕрбакӕныны бардзырд.
Павел загъта: «Ӕз кесӕры тӕрхоны раз лӕууын, ӕмӕ мын ам хъуамӕ тӕрхон кӕной. Ды дӕр хорз зоныс: ӕз иудейты хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн.