Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Рауади стыр хъӕлӕба. Фарисей чи уыд, уыцы динамонджытӕй сыстади цалдӕр, ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ уд кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?» Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, сӕ Ӕгъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фарстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ хӕссынц. Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг амарыны кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарыны аккагӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ. Агриппа загъта Фестӕн: «Кесӕры тӕрхон куы не 'рдомдтаид, уӕд ацы адӕймагӕн уаид суӕгъдгӕнӕн».
Выбор основного перевода